Иу хæххон æлдары фырт фехъуыста, иу быдырон æлдарæн хæрзрæсугъд чызг кæй ис, уый, æмæ йæм дзурæг ацыди. Куы рарасти, уæд ыл курæг кæмæ фæцæйцыд, уыцы æлдар сæмбæлди æмæ йæ бафарста.
_ Кæй онг, лæппу?
Уый йын загъта:
- Иу æлдармæ хорз чызг фехъуыстон æмæ уымæ курæг цæуын.
Æлдар ын загъта:
- Цæуæм уæдæ иумæ.
Цæуын дын байдыдтой æмæ иу цъыфдзаст ранмæ куы бахæццæ сты, уæд лæппу æлдарæн загъта:
- Фæлæу, хид дын дзы акæнон.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.