Хуссар Иры МХМ кусджытæн сæ мыздтæ ранымайдзысты æмæ фæфылдæр кæндзысты 1 январæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хусссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) бавæрдта 200 куысты бынаты æмæ самал кодта кусджытæн сæ мыздмæ бафтауын. Уый тыххæй Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы радзырдта РХИ МХМ сæргълæууæг Гæззаты Валерий. Бадзырдтæ сфидар кодтой Уæрæсейы Федерацийы МХМ статс-секретарь - хæдивæг Игорь Зубовимæ фембæлды рæстæджы.
Гæззаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, мызды ранымайдзысты æмæ фæфылдæр кæндзысты 1 январæй. Бафтаудзысты йæм 5 мин соммæ æввахс, куысты бынатмæ гæсгæ.
Министр банысан кодта, къухдариуæгады мыздмæ кæй нæ бафтаудзысты.