Рагфæдзæхсты мадзал: Хуссар Иры МХМ сæргълæууæг службæйы уаг фæтынгдæр кæныны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæ фæтыхджындæргонд режиммæ кæй ахызтысты, уый нæ нысан кæны æмæ уавæр уæлдай тæссаг у, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Гæззаты Валерий.

"Фактон æгъдауæй уый у рагфæдзæхсты мадзал. Мах фæтыхджындæргонд хуызы нæ цæст дарæм арæнгæрон территориты уавæрмæ, цæмæй мацы коллизитæ æрцæуой", - банысан кодта уый.

Раздæр республикæйы президент Гаглойты Аланы барамындмæ гæсгæ æрсидтысты Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы оперативон рабадт, уым рахастой уынаффæ, цæмæй тыхон структурæты кусджыты ракæной службæ хæссыны фæтыхджындæргонд уагмæ.