Уæрæсейаг тыхтæ ссæрибар кодтой Дубово-Васильевка Донецкаг Адæмон Республикæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Уæрæсейаг тыхтæ райстой сæ хъусдарды бынмæ Дубово-Васильевка хъæу, кæцы ис Артемовскы цæгаттаг-ныгуылæйнаг хайы, хъусын кæны РИА Новости къорд "Вагнер"-ы бындурæвæрæг Евгений Пригожины ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
"Дубово-Васильевка æнæхъæнæй ис хисæрмагонд æфсæддон къорд "Вагнер"-ы хъусдарды бын. Кæрæтты цæуынц тохтæ. Цæрæн пункты территори иууылдæр ис нæ къухты", - хъусын кæны Пригожины ныхæстæ йæ пресс-службæ Telegram-каналы.
Артемовск у ахсджиаг транспортон æлхынцъ Донбассы украинæйаг æфсæдты ифтонгкæнынадæн. Уый ис Донецкы Адæмон Республикæйы территорийыл, егъау горæт Горловкайы цæгатварс.