Адæмон аргъæуттæ. Зонд æмæ амонд. Сауджын æмæ зондаби. Æрфыгджын чызг – дзæгъæлкæсаг

Sputnik
Зонд æмæ амонд балцы фæцæйцыдысты. Амонд дзуры зондæн: "Æз дын куы нæ уаин, уæд ды ницæмæн дæ!" Зонд ын зæгъы: "Макæ, æз дæуæн куы нæ уон, уæд дæхæдæг ницæмæн дæ!". Афтæ цæуынц дзургæ.
Иу æдылы галгæс сæрвæты хизы йæ галтæ. Амонд зондæн зæгъы: "Дæлæ уыцы лæджы уыныс, уый æппындæр ницы æмбары. Кæс-ма гъеныр, кæддæра уымæй хорз лæг саразон?!" Зонд æм бадзуры: "Ма кæн, дæхицæ ма ‘ппæл, æз æм куы нæ фæкæсон, уæд ды уымæй хорз лæг нæ сараздзынæ".
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.