Гасситы Знауыр æмæ Башар Джаафари æрныхас кодтой дывæрсон æмгуыстадыл Мæскуыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр сæмбæлд майрæмбоны Сирийаг Араббаг Республикæйы минæвар Уæрæсейы Башар Джаафариимæ, хъусын кæны, хуссарирыстойнаг дипломатион уагдонады пресс-службæ.
Фембæлды рæстæджы, кæцы ацыд Сирийы минæварады Мæскуыйы, фарсытæ æрныхас кодтой дыууæ паддзахады политикæ, экономикæ æмæ дыууæ паддзахады культурон æмгуыстадыл.
Гасситы Знауыр бузныджы ныхæстæ загъта Сирийы къухдариуæгад æмæ адæмæн æмбалад æмæ хъарм ахасты тыххæй æмæ æрбахуыдта Джаафарийы Хуссар Ирыстонмæ.
Башар Джаафари йæхи ᾿рдыгæй банысан кодта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой æрмæст æхсæнадæмон бартæ бахъахъхъæныны тыххæй нæ, фæлæ ма РХИ адæмæн цыт кæй кæнынц сæ сæрибардзинады тохы тыххæй.