Гъе-мардзæ, исчи!

48. ХЪÆУЫ НЫХАС

Sputnik
Зæринæйы куы бавæрдтой, уымæн йæ дыккаг бон хъæуы бæрæг астæу, рагон хæлд мæсыджы бын Ныхасмæ æрæмбырд сты æгас хъæубæстæ нæлгоймагæй-сылгоймагæй. Нæ уыд ныхасы Солым, рынчын у, зæгъгæ, загъта фидиуæг, фæлæ йæм Дзакко дыккаг хатт арвыста æмæ уæд уый дæр æрцыди. Сылгоймæгтæ Ныхасмæ ни­куы цыдысты, фæлæ-иу хъæуы искæд стыр хабар куы ’рцыди, сылгоймæгты бафæрсын æмæ уыдон уынаффæ базоныны сæр-иу æнæмæнг куы хъуыди, уæд-иу сæм сæрмагондæй хистæртæ арвыстой.
Абон цы хъуыддаджы тыххæй тæрхон кæнынц, уый та æгас хъæубæстæй иумæ скъуыддзаггæнгæ кæй у, уымæ гæсгæ Дзакко æрхуыдта се ’ппæты дæр. Ныхасы ихсыд дуртыл рабадтысты хъæуы зæронддæр лæгтæ куыд хистæрæй. Хъæубæстæй æдде ничиуал ис, зæгъгæ, куы фехъусын кодтой Дзаккойæн, уæд растад, адæмыл йæ цæст ахаста æмæ райдыдта:
— Нæ хорз хъæубæстæ, зонут æй, цы тæригъæддаджы хъуыд­даджы фæдыл æртымбыл стæм абон. Ацы Ныхасы рагæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ скъуыддзаг кодтой иууыл зындæр æмæ вазыгджындæр хъуыддæгтæ. Сыгъдæг æмæ намысы бынат у ацы уынаффæдон. Ам, Ныхасы, нæ хъæубæстæй алчидæр æмсæр-æмбар у, алкæмæн дæр бынат ис йæ уынаффæйæн. Алкæй уынаффæйы сæр та нæ абон æнæмæнг хъæуы. Æрцыд ныл стыр уæззау хабар. Æрцыд æддагон адæймаджы аххосæй нæ — нæхи хъæубæстæй кæйдæр аххосæй. Ныккалдис туг. Æмæ мах абон туджджыны нæ агурæм. Хъуамæ базонæм — тугныккалдæн йæ аххосаг чи уыд.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.