ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фехъусын кодтой, ивгъуыд къуыри республикӕйы территорийыл кӕй ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты цыппар адӕймаджы.
"Авариты фӕстиуӕгӕн цыппар адӕймаджы райстой буары цӕфтӕ, уыдонӕй дыууӕйы бакодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 239 фӕткхалды. Дыууӕ шофыры фӕдыл арӕзт ӕрцыдысты административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.