РХИ цæрæгмæ бабырсты азымджынтæ барвæндонæй бацыдысты Генпрокуратурæмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг республикæйы цæрæг Уалыты Владиславмæ бабырсты фæдыл, хъусын кæны къуырисæры уагдоны пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæмæ 11 марты барвæндонæй бацыдысты æхсæнадæмон агуырды уæвæг Гæбæраты Хох æмæ Дзабиты Олег – уыдоны азымджын кæнынц Хуссар Ирыстоны æмбæстаг Уалыты Владиславмæ бабырсты.
"Ацы гоймæгты æрурæдтой æмæ сæ бакодтой РХИ Юстицийы министрады æфхæрдтæ æххæст кæныны дæлхайады рæстæгмæдарæн камерæмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Генпрокуратурæ сног кодта фæдагуырд ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл, бафтыдтой уагдоны.