Уалыты хотæ ссисты "Mad Wave Challenge 2023" ерысты призертæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ Уалыты Тамила æмæ Даяна рамбылдтой дыууæ майданы ленк кæнынæй ерысты "Mad Wave Challenge 2023", фехъусын кодта Sputnik ленк кæныны тренер Евгения Терлеева.
Æппæтуæрæсейон ерысты дыккаг этап ацыд горæт Рузайы Мæскуыйы областы. Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъæдтой æртæ спортсмены: Уалыты Тамила, Лалыты Арсен æмæ Уалыты Даяна.
"Баттерфляй" стилы 200 метры дистанцимæ призертæ ссисты Уалыты Хотæ: Тамила рамбылдта æвзист майдан, Даяна та бронзæйон", - загъта Терлеева.
Тренеры ныхæстæм гæсгæ, спортсментæ фæхуыздæр кодтой сæ позицитæ тыхджындæр ленкæнджыты рейтингы.
Терлеева бафтыдта, зæгъгæ, ерысты æртыккаг æмæ цыппæрæм туртæ ацæудзысты фæззæджы Екатеринбург æмæ Казаны.