Хуссар Иры агурынц Ленингоры фесæфæг цæрæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц республикæйы Ленингоры районы 25-аздзыд цæрæджы, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.

"Ленингоры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ бæрæг кæнынц Армазы хъæуы, 1998 азы гуырд, æбæрæгæй фесæфæг цæрæг Чертхъоты Автандилы фырт Аланы бынат, кæцы рахызт хæдзарæй 13 марты æмæ фæстæмæ нæ ᾿рыздæхтис", - банысан кодтой пресс-службæйы.

Милици курæг у алкæмæйдæр, кæмæдæриддæр ис информаци нæлгоймаг кæм ис, уый тыххæй, фехъусын кæнын телефонтæм: 8-929-803-72-02, 8-929 808-02-01, 45-2-02.