Уыдис иу лæг, Коса, æмæ йын уыдис тынг рæсугъд ус æмæ сауджын лæг алы хатт рæсугъд устытæм хъавыдис. Æрвиты алырдæм адæммæ æмæ сын афтæ: "Иу мин уын ратдзынæн æмæ мын æй базонгæ кæнут". Ус ын нæ коммæ кастис: "Æз сывæллæтты хицау дæн æмæ мын уый рæстæг нæй, мæнмæ ма æнхъæлмæ кæсæд".
Сауджын сыстад йæхæдæг æмæ афтæ: "Хъуамæ, дам, мæхæдæг бацæуон". Æрцыд Косамæ æмæ йын афтæ: "Иумæ сифтындзæм, æртæ галы ды, æртæ галы æз æмæ бахуым кæнæм".
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.