Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæныл февралы æрурæдтой 14 фæткхалæджы – ПÆК

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæны алыгъуызон фадгуытыл февралы æрурæдтой 14 арæнхалæджы, хъусын кæны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
"Уыдонæй фондз фехæлдтой паддзахадон арæны режим, фараст та арæнгæрон режим", - банысан кодтой уагдоны.
Нысангонд æрцыд, алкæцы цауы фæдыл дæр ПÆК Арæнгæрон службæ кæй ауагъта равзæрстытæ, уый фæстиуæгæн 10 адæймаджы фæивар кодтой, æртæ адæймаджы бафæдзæхстой, иу адæймаджы фæдыл та бакодтой уголовон хъуыддаг.