Хуссарирыстойнаг спортсментæ ралæудзысты Кавказы чемпионаты джиу-джитсуйæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны спортсментæ хайад райсдзысты Кавказы чемпионаты джиу-джитсуйæ, кæцы ацæудзæн Цæцæны республикæйы. Уый тыххæй журналисттæн радзырдта спортсменты тренер Гобозты Эльбрус.
"Спортсментæ ныфсджын сты, ерысты хайад райсынæн мах равзæрстам иууыл фæлтæрдджындæрты. Тырндзыстæм æрхæссын фыццаг бынæттæ", - бахахх кодта тренер.
Гобозты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, Цæцæнмæ ацæудзæн фондз адæймаджы скондæй къорд. Ерысты хайад исдзысты бирæнымæц спортсментæ Уæрæсейы алы горæттæй, балхынцъ кодта тренер.