Къуаисайы коммуналон службæтæ сыгъдæг кæнынц фæндаг Къозы хъæумæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы горæт Къуаисайы коммуналон службæтæ нывæндынц ссыгъдæг кæнын хуыцаубонмæ Къозы хъæумæ фæндаг, кæцыимæ бастдзинад фехæлд митуард æмæ цъыфы зæйты æрцыды тыххæй. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Къуаисайы мэр Хуыгаты Алан.

"Куыстыты архайынц техникæйы дыууæ иуæджы. Коммуналон службæты куыст митæй дарддæр зын кæнынц цъыфы зæйтæ, афтæ ма сæрмагонд техникæйы цухдзинад. Боныгъæдмæ æнæкæсгæйæ фæндаг ссыгъдæг кæныны куыстытæ нывæндæм балхынцъ кæнын хуыцаубоны", - загъта горæты сæргълæууæг.

Уый банысан кодта, Къозы хъæуы бирæ адæм кæй нæ цæры, уыдон ифтонг сты æнæмæнгхъæугæ æрмæджытæй.
Афтæ ма Къуыдаргомы цæуынц куыстытæ Джоджорайы цæугæдоны донвæд ссыгъдæг кæныныл, цæмæй цæрæг пункттæ доны бын ма фæуой.