Хуссар Иры дарддæр уагъд цæуынц резервистты рæвдзытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, дарддæр уагъд кæй цæуынц резервистты рæвдзытæ. Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй рæвдзыты пункттæм æрцыдысты Цхинвалы районы резервисттæ.
Бон раздæр рæвдзытæм æрбацыдысты республикæйы столицæйы резервисттæ, кæцытæ кусынц паддзахадон органтæ æмæ тыхон структурæты.
Æввахс бонты рæвдзыты пункттæм æрбахондзысты æндæр районты цæрджыты.
Хуссар Иры дарддæр уагъд цæуынц резервистты рæвдзытæ