Уæрæсе æмæ Хуссар Иры президентты фыццаг фембæлд

Sputnik
Мæскуыйы ацыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны лидертæ Владимир Путин æмæ Гаглойты Аланы баныхас. Уый уыд дыууæ бæстæйы сæргълæуджыты фыццаг фембæлд Гаглойты Аланы президентæй куы равзæрстой, уый фæстæ.
Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджытæ Владимир Путин æмæ Гаглойты Аланы фембæлд хъуамæ ацыдаид 22 февралы Мæскуыйы, фæлæ йæ аргъæвтой хуссарирыстойнаг лидерæн коронавирус кæй сбæлвырд кодтой, уый тыххæй. Гаглойты Алан ацыд карантинмæ æмæ хоскæнынад рацыд Мæскуыйы.