Адæмон аргъæуттæ. Кæстæр чындзы аргъау. Хæрæфырт Дзакко

Sputnik
Иу ус царди æмæ йын уыди лæппутæ. Мад цин кæны, йæ лæппутæ дзæбæх кæй хъомыл кодтой, ууыл: "Куы слæгтæ уой, уæд дзæбæх цæрдзынæн, уæд сын устытæ дæр мæхæдæг ракурдзынæн".
Хистæр лæппу куы схъомыл, уæд ын ус æрхаста. Чындзæхсæв куы фæци, уæд мад-æфсин чындзы æхсæвы хæдзармæ бакодта. Уый размæ йæхи хæдзары фæйнæ фарс сарæзта хæдзæрттæ дыууæ лæппуйæн. Чындзæн загъта:
- Æз дын куыст ссардтон.
Йæхæдæг цармæ схызти æмæ уырдыгæй æриста тæсчъы дзаг бумбулитæ, ноджыдæр гæны куыристæ.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.