Хуссар Иры ауагътой Дзауы районы резервистты рæвдзытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Резервисттæн фехъусын кæнын æмæ сæ æртымбыл кæныны хъуыддаг ауагътой республикæйы Дзауы районы, фехъусын кодта къуырисæры Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Куыд банысан кодтой уагдоны, афтæмæй резервистты æртымбыл кодтой Дзауы поселок æмæ горæт Къуаисайы, рæвдзыты хайадисджытæ, æвзæр боныгъæдмæ æнæкæсгæйæ, активондзинад равдыстой æмæ æрхæццæ сты фæсидæн гæххæттæм гæсгæ фидаргонд рæстæгмæ.

"Статс-секретарь – Хъахъхъæнынады министрады хæдивæг Сиукъаты Вадим фехусын кодта æмбæстæгтæн, кæцытæ уыдысты резервы, ауадзгæ маздæлтты нысан, хæслæвæрдтæ, кæцытæ скъуыддзаггонд цæуынц кардрон дæлфадгуытæй, афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта цæсгомджынæй кæй æххæст кæнынц æмбæстагон хæс, уый тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Министры хæдивæг бузныджы ныхæстæ загъта Дзауы районы администрацийы кусджытæн Тыбылты Вандайы сæргълæудæй "районы æфсæддон комиссариатæн алывæрсон æххуысы тыххæй". Районы сæргълæууæг йæхи ᾿рдыгæй бузныджы ныхас загъта хъæуы цæрджытæн райсгæ фидиуæнтæм бæрнон ахасты тыххæй.