Президент Владимир Путины æрхуындæй бабæрæг кæндзæн Уæрæсейы Федераци паддзахадон балцы. Дæс азы размæ мæ фыццаг фæсарæйнаг балц Китайы дæмон республикæйы сæрдары бынаты ацыд Уæрæсемæ. Дæс азы дæргъы æз уыдтæн Уæрæсейы аст хатты. Ацы балцыты руаджы, кæцытæ алыхатт дæр æрхæссынц пайда, мах президент Владимир Путинимæ бакодтам китайаг-уæрæсейаг ахастыты ног сæргонд.
Китай æмæ Уæрæсе сты егъау сыхæгтæ, стратегион партнертæ, раздзог дунейон бæстæтæ æмæ ИНО Æдасдзинады Советы иудадзыг уæнгтæ. Дыууæ бæстæ дæр уадзынц хæдбар æмæ сæрибар æддагон политикæ.
Китайаг-уæрæсейаг ахастытæ размæ цæуынц дырыс историон логикæ æмæ фидар мидæггагон драйвмæ гæсгæ.
Уæлдæр æмвæзадыл контакттæн ис ахсджиаг бынат æмæ стратегион нысаниуæг. Ацы азты дæргъы мæнæн президент Владимир Путинимæ уыд æввахс кусæгон бастдзинад. 40-æй фылдæр фембæлды рæстæджы дыууæварсон æмæ алыхуызон æхсæнадæмон фæзуæттыл æвæрд цыдысты æмгуыстады перспективæты приоритеттæ алы къабазы дæр.
Китай æмæ уæрæсейæн ис æнусон хæлардзинад æмæ æмгуыстады концепци. Дыууæ бæстæ фидарæй æххуыс кæнынц кæрæдзийæн райрæзты фæндагыл слæууынæн.
Иумæйаг архайды руаджы базайрæгты æрзылд 2022 азы рацыд рекордон 190 миллиард сомыбæрц æмæ фæфылдæр 116 проценты дæс азы размæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Китай 13 азы фæд-фæдыл йæхи æвдисы Уæрæсейы егъаудæр парнтер базайрæгты фæдыл. Дыууæ бæстæйы иумæйаг инвестициты бæрцуат фылдæр кæны. Реализаци цæуынц къорд стратегион нысаниуæджы проекты энергетикæ, космос, авиаци æмæ транспортон бастдзинады къабазы.
Китай æмæ Уæрæсе фидарæй хъахъхъæнынц дунейон системæ, кæцы арæзт у æхсæнадæмон барадады бындуртыл, афтæ ма ИНО Уставы нормæтæ æмæ принцииптыл. Уымæй дарддæр мах æмархайд кæнæм ИНО, ШОС æмæ БРИКС фæлгæтты.
Мæ кусæгон балцы нысан Уæрæсемæ у хæларад, æмгуыстад æмæ сабырдзинад сфидар кæнын. Æз цæттæ дæн президент Владимир Путинимæ снысан кæнын ног нывæстытæ æмæ мадзæлттæ, цæмæй ссарæм ног перспективæтæ уæрæсейаг-китайаг ахастыты æмæ стратегион æмархайды.
Ивгъуыд азы райдайæнæй æндыгъд кæны украинæйаг кризис. Китайæн ацы конфликты ис объективон позици, мах архайæм, цæмæй æрлæууа сабырдзинад.