Адæмон аргъæуттæ. Уæрцц æмæ рувасы аргъау. Хадзы, моллойы ус æмæ æххуырст лæппу

Sputnik
Мæргътæ æмæ сырдтæ иу ахæмы тæрхон кодтой, алчидæр сæ хицæнæй мæргътæ иу ран, сырдтæ иннæ ран.
- Дин кæнæм, диныл арæзт у нæ цард, фæлæ йæ куыд æмбæлы, афтæ йæ кæнæм, æви нæ, уый нæ зонæм: стæй нæ динæн йæхи æвæрд дæр раст у, нæу, уымæй дæр нæ бæлвырд ничи ницы зоны.
Афтæ дзырдтой сырдтæ дæр, мæргътæ дæр. Уый адыл сфæнд кодтой сæ дыууæтæ дæр, сæ зæрдæ цæмæ æхсайдта, уымæй Хуыцауы бафæрсын.
Минæвæрттæй сывзæрстой: сырдтæ – рувасы, мæргътæ – уæрццы.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.