Кæд райдайдзысты æмæ цал боны уыдзысты уалдзыгон улæфт бонтæ Хуссар Иры скъоладзаутæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъоладзаутæ ацæудзысты уалдзыгон каникултæм къуырисæры 27 мартæй, фехъусын кодтой Sputnik республикæйы ахуырады министрады.

"Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуырдзаутæ ацæудзысты каникулты 27 марты. Каникултæ уыдзысты аст календарон боны, 3 апрель дæр нымайгæйæ", - банысан кодтой уагдоны.

Министрады бафтыдтой, ахуыры процесс скъолаты кæй райдайдзæн дыццæджы, 4 апрелы.