Цæгат Ирыстоны бакæндзысты универсалон траснпортон картæтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сфидар кодтой транспортон картæйы дизайн. Уыдзæн ыл ныв Цæгат Ирыстоны контур, хъусын кæны Ossetia News.
Картæйæ гæнæн уыдзæн бафидын фæндаггаг дыууæ маршрутыл: Дзæуджыхъæу –Алагир æмæ Дзæуджыхъæу – Беслæн.
Ацы фæндæгтыл кусынц ног автобустæ, ифтонг сты бафидыны автоматизацигонд системæйæ. Транспортон картæ гæнæн уыдзæн райсын иу хатт æмæ дзы уый фæстæ æхцайы фæрæзтæ уадзын.