Гаглойты Алан Путинимæ фембæлды тыххæй: кæрæдзи бамбæрстам Хуссар Иры æдасдзинады фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Ныры уавæрты Хуссар Ирыстоны фыццаг сæрмагонддæр фарст у æдасдзинады тыххæй, æмæ уыцы фарстытæ уыдысты бындуронтæ уæрæсейаг лидер Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы.
Президентæн ис фыццаг стыр пресс-конференци. Паддзахады сæргълæууæг сæмбæлд журналисттимæ Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæстæ, уым ацыд фембæлд Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ.

"Хуссар Ирыстон лæмбынæгæй хъус дары геополитикон æмæ регионалон уавæрмæ, уыимæ иумæ цæст дары нæ хуссайраг сыхæгтæм цытæ цæуы, уымæ. Уый тыххæй фыццаг рæнхъмæ рацыдысты æдасдзинады фæдыл фарстытæ. Уыдон ахстой сæйраг бынат Уæрæсейы прездентимæ фембæлды, - загъта Гаглойты Алан.

Президент бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны арæнтæ кæй хъахъхъæнынц уæрæсейаг арæнæвæрдон службæтæ æмæ Уæрæсеимæ ис æдасдзинады иумæйаг контур æмæ паддзахадтæ ацы фарсты фæдыл æмгуыст кæнынц.