Инвестортæ сæхи фæрæзтæй сараздзысты Хуссар Иры бирæфатерон хæдзæрттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æрхуыдта инвесторты, кæцытæ сараздзысты республикæйы бирæфатерон хæдзæрттæ, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан.
Президентæн ис фыццаг стыр пресс-конференци. Паддзахады сæргълæууæг сæмбæлд журналисттимæ Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæстæ, уым ацыд фембæлд Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ.
Президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны банкон къабаз кæй нæй уыцы уавæры, цæмæй бакæна республикæйы ипотекæйы классикон формæ, уый фæдыл инвестортæ сæхæдæг бакусдзысты ацы фарстыл уæрæсейаг банктимæ.
"Мах ныридæгæн рахицæн кодтам æмбæлон зæххы фадгуытæ, нывæндыстæм, цæмæй арæзтад райдыдтаид фарон азы кæрон, фæлæ куыстытæ аргъæвтой ацы азмæ. Уый у пилотон проект, æмæ куы фенæм, ахæм формæ кæй кусы, уæд бакусдзыстæм, цæмæй уый скуса нæ банчы хайадистæй дæр. Æндæр варианттæ нын хъуамæ ма уа", - радзырдта Гаглойты Алан.
Хуссар Иры президент республикæйы кадрон ивындзинæдты тыххæй