ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис æмæ æввахс рæстæджыты Хуссар Ирыстоны хицауады фæзына кадрон ивындзинæдтæ.
Президентæн ис фыццаг стыр пресс-конференци. Паддзахады сæргълæууæг сæмбæлд журналисттимæ Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæстæ, уым ацыд фембæлд Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ.
"Мах зонæм алы хицауад дæр кусы Инвестпрограммæмæ гæсгæ. Афтæ ма хъуыды кæнæм, фарон уалдзæджы махмæ ацыдысты президентон æвзæрстытæ. Уæд уыцы ныхмæлæуды тыххæй фæфæстиат стæм Инвестрпограммæ æххæст кæнын райдайынимæ. Фæлæ мах нæ тых нæ бон сарæзтам æмæ куыст сæххæст ис 97 %. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый у тынг хорз бæрæггæнæн", - загъта республикæйы сæргълæууæг.
Президент ма зæрдыл æрлæууын кодта, федералон къазнадоны басгæрст, фæстиуæгон акт, кæцы уыд æхсæнадæй дæр æмæ парламенты депутаттæй дæр æмбæхст, йæ мидæг цы фæткхæлдтæ уыд, нывылгонд не ᾿рцыдысты. Ацы хъуыддагмæ æркастысты ног хицауад, фæлæ абоны бонмæ дæр нырма бæстонæй рæстмæ нæу, зæгъæм, оптимизацийы фарстытæ нырма скъуыддзаггонд не ᾿рцыдысты, банысан кодта Гаглойты Алан.
"Фæлæ хицауад иумæйагæй бакуыста, ис хицæн уагдæттæ, уым хъæудзæн кадрон ивындзинæдтæ ауадзын. Уый у æмбæлон процесс. Æввахс рæстæджыты ивындзинæдтæ æрцæудзысты æрмæст министрты кабинеты нæ, фæлæ æндæр бынæтты дæр", - загъта президент.