Цхинвалы Путины, Фидауынгæнджыты æмæ Октябры уынджы алвæндагыл æрцыд ФТЦ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы къуырисæры Путины, Фидауынгæнджыты æмæ Октябры уынджы алвæндагыл æрцыд фæндагон-транспортон цау. Кæрæдзийыл сæмбæлдысты ВАЗ-2131 æмæ Toyota WiLL.
Куыд хъусын кæны цæстуынæг, афтæмæй ФТЦ хайадисджытæ аивæрзтысты æнæ зиæнттæй, фæцæфуæвджытæ дзы нæй.
Аварийы бынаты ФТЦ аххосæгтæ бæрæг кæнынц ПАИ кусджытæ.
Иу авари, сæдæгай фæткхæлдтæ: Хуссар Иры МХМ къуырийы уавæры тыххæй фæндæгтыл