"Алания" фехæлдта бадзырд тренер Тедеты Зауыримæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Дзæуджыхъæуккаг "Алания" фехæлдта бадзырд тренер Тедеты Зауыримæ, хъусын кæны клубы пресс-службæ.
Тедеты Зауыр баххæст кодта "Алания"-йы тренерон штаб 2022 азы июны. Командæимæ Тедеты Зауыр арвыста 25 хъазты, уыдоны сын уыд 12 уæлахизы, фондз фембылды æмæ аст хъазты та ахицæн сты æмдыхæй.
Раздæр хъусын кодтой, "Алания"-йы сæйраг тренеры бынатмæ кæй снысан кæндзысты Владимир Белявскийы, марты "Алания"-йы ног сæйраг тренер ссис Олег Василенко.
"Алания" цæуы цыппæрæм бынатыл Фыццаг лигæйы турнирон таблицæйы, командæйæн ис 41 очкойы 24 хъазты.