ЦХИНВАЛ, 28 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) сапертæ скуынæг кодтой рæмудзæн æрмæджытæ Дзарцъемы полигоны. Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Дыууæ гранатæйы Ф-1, афтæ ма гранотометы иу сармадзан ссардтой ивгъуыд къуыри Цхинвалы районы Иры хъæуы.