Хуссар Иры рог атлетикæйы спортсментæ ссисты ерысты призертæ Кæсæг-Балхъары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны спортсментæ бацахстой призон бынæттæ Кæсæг-Балхъары Прохладныйы горæтон зылды чемпионат æмæ фыццагады рог атлетикæйæ. Спортсменты тренер Гæззаты Аслан куыд фехъусын кодта журналисттæн, афтæмæй йæ хъомылгæнинæгтæ бацахстой дыууæ фыццаг æмæ дыууæ дыккаг бынаты.
Легкоатлеты из Южной Осетии на соревнованиях в Кабардино-Балкарии
"1500 метры дистанцимæ сыгъзæрин майдан рамбылдта Багаты Артур, афтæ ма уый ссис æвзист призер 800 метры дистанцимæ. Уымæй дарддæр фыццаг бынат 300 метры дистанцимæ гæрæнтимæ бацахста Джиоты Марат. Дыккаг бынатыл ацыд Бекъойты Александра дæр 1500 метры дистанцимæ", - радзырдта Гæззаты Аслан.
Хуссар Иры рог атлетикæйы спортсментæ ссисты ерысты призертæ Кæсæг-Балхъары
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æндæр спортсменкæ – Гæззаты Елизавета – æнтыстджынæй басаста дистанци æмæ рамбылдта. Фæлæ йæ кар дзуапп нæ дæтта ерысты домæнтæн, уый фæдыл йын нæ радтой призон бынат.
Спортсменты ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ Гæззаты Аслан æмæ Дыгъуызты Алан. Ерыстæ нывонд уыдысты Советон Цæдисы хъайтар, авиацийы инæлар-майор Николай Диденкойæн, хайад дзы райстой 500 спортсменæй фылдæр.
Хуссар Иры рог атлетикæйы спортсментæ ссисты ерысты призертæ Кæсæг-Балхъары