Зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт РХИ Цхинвалы районы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады зынгфæдисон къорд ауиварс кодта зынгсирвæзты тæссагдзинад республикæйы Цхинвалы районы, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй Гореты хъæуы хус кæрдæджы ссыгъды фæдыл хъусинаг æрбацыд уагдонмæ дыццæджы изæры.
"Арт рахызт хъæдмæ дæр. Цауы бынатмæ ацыд иу зынгфæдисон къорд æмæ аиуварс кодта зынгсирвæзт", - загътой министрады.