Петербурджы срæмыгъды фæстиуæгæн, цы ран фæмард Владлен Татарский, бахъыгдард 32 адæймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik. Санкт-Петербурджы кафæйы срæмыгъды фæстиуæгæн, цы ран фæмард æфсæддон уацхæссæг Владлен Татарский, бахъыгдард сты 32 адæймаджы. Уый тыххæй фехъусын кодта къуырисæры РИА Новости Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Оперативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Санкт-Петербурджы кафейы цауы фæстиуæгæн бахъыгдард сты 32 адæймаджы, иу адæймаг фæмард. Дæс зианбаййафæджы уавæр у уæззау, 16 сты астæуккаг уæззаудзинады уавæры, сæ нымæцы 14-аздзыд чызг, фондз адæймаджы уавæр та у рæстæмбис", - дзырдæуы хъусинаджы.
Знон изæры Санкт-Петербурджы Университеты донбыластæрды æрцыд срæмыгъд. Бæстыхайы уыцы рæстæджы цыд фембæлд æфсæддон уацхæссæг Владлен Татарскиимæ. Журналист цауы фæстиуæгæн фæмард.