ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik. Вирусæй хи бахъахъхъæныны иунæг мадзал у вакцинаци, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны сæйраг дохтыр Хæныкъаты Лариса.
Цæгат Ирыстоны рабæрæг ис низ, афтæ ма сыхагон регионты дæр регитсрацигонд æрцыдис низы фæзынд – Ростовы æмæ Старапъолы бæстæты. Хуссар Ирыстоны нырмæ фадынæджы вирус нæ рабæрæг ис, фæлæ бахæцыны тæссагдзинад у реалон.
"Иу рынчын дæр у йæ алыварсуæвджытыл низ аппарат кæныны фаг", - загъта республикæйы сæйраг педиатр.
Хæныкъаты Лариса бафæдзæхста, кæд æмæ низ рабæрæг ис, уæд нæй гæнæн хос кæнын хæдзары.
"Æвæстиатæй хъæуы фæдзурын инфекцинистмæ, уым (РБМЦ инфекцион хайады) ис боксон хайад – алыварсон изоляцийæн", - загъта уый.
Фадынæджы рæстæджы буары царм рафады, кæд æмæ ахæм симптом федтат, æнæмæнгæйдæр дзурут дохтырмæ, баххæст кодта медицинон кусæг.