Хуссар Иры ЦÆК банхъардта ивындзинæдтæ æвзарæн законадмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис (ЦÆК) барвыста парламентмæ республикæйы æвзарæн законадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл документтæ. Ивындзинæдтæ банхъардтой дыууæ конституцион законæн – "Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты сæйраг æвзарæн бартæ æмæ референдумы хайад райсыны барты фæдыл" æмæ "Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ æвзарыны фæдыл".
ЦÆК нысан кæнынц, парламентон æвзæрстыты размæ, кæцытæ ацæудзысты 2024 азы, хъæуы аиуварс кæнын депутатты æвзæрстытæ æмæ сæйраг æвзарæн барты фæдыл закæтты фиппаинæгтæ.
Парламент 2018 азы декабры райста конституцион закон сæйраг æвзарæн барты гарантиты фæдыл закон, фæлæ, ЦÆК ныхæстæм гæсгæ, уыцы рæстæджы уагъд нæ цыд куыст фиппаинæгтæ аиуварс кæнын фæдыл.