ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Мæздæджы æмæ Горæтгæройнаг районты райдыдта социалон лæггад кæныны ног комплексон центртæ амайыны куыстытæ. Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион фæллойад æмæ социалон райрæзты министр Айдарты Алинамæ æрвитгæйæ.
Уагдоны къухдариуæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы районты нæ фаг кæны агъуыстытæ, алыварсон социалон лæггæдтæ самал кæныны тыххæй.
"Фарст скъуыддзаг кодтам нывæстмæ гæсгæ. Азы райдайæны арвыстам гæххæттытæ Уæрæсейы Экономикæйы министрадмæ. Федералон уагдоны нын ныфс радтой. Паддзахадон экспертизæ, йæхи ᾿рдыгæй, разыйы скъуыддзаг рахаста проекттæн", - загъта уый.
Министр баххæст кодта, ныридæгæн кæй равзæрстой зæххы хæйттæ агъуыстытæ самайынæн.
"Тыхтæм гæсгæ уайы афтæ: Мæздæджы – 1800 квадратон метры, Горæтгæройнаг районы – 2500 кв.м., уымæ гæсгæ, бынтон тагъд иууыл бирæцæрæгджын районты, махæн нæ бон суыдзæн кусын æххæстæй", - бахахх кодта Айдарты Алина.