Цхинвалы уагъд цæуы уникалон цуанон хæцæнгæрзты равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты майрæмбоны байгом Бекъойты Роланды цуанон хæцæнгарзы коллекцийы равдыст. Мадзал бабæрæг кодтой РХИ президент Гаглойты Алан, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, премьер-министр Джуссойты Константин.
Æрæмбырдуæвджыты раз разныхасимæ ралæууыд ХИПУ ректор Тедеты Вадим.
Роланды цуанон хæцæнгарзы коллекцийы равдыст
"Цуанон хæцæнгарзы коллекцийы равдыст университеты уагъд цæуы фыццаг хатт – уый размæ уазджытæн æвдыст цыдысты номдзыд æмæ æвзонг нывгæнджыты аив куыстытæ", - загъта ректор.
Тедеты Вадим ма банысан кодта, уый размæ Бекъойты Роланд кæй балæвар кодта музейон комплексæн Берданы дамбаца, кæцыйыл цæуы 140-æй фылдæр азы.
Роланды цуанон хæцæнгарзы коллекцийы равдыст
Коллекционеры ныхæстæм гæсгæ, абон равдысты бавдыстой алыхуызон бæстæты хæцæнгæрзтæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты XIX æнусы кæронæй XX æнусы æмбисмæ периоды.
Бекъойты Роланд йæхæдæг ауагъта экскурси паддзахады сæргълæууæг æмæ æндæр уазджытæн, кæцыйы рæстæджы радзырдта, йæ коллекци кæй æмбырд кæны 65 азæй фылдæр. 10 къласы куы ахуыр кодта, уæд йæ коллекцийы уыд æхсæз хæцæнгарзы. Йæ фыццаг дамбаца уыд "тулка" (ТОЗ-34).
Хæцæнгарзы равдыст цæудзæн ХИПУ равдыстон залыæрмæстдæр иу боны дæргъы – 7 апрелы.
Роланды цуанон хæцæнгарзы коллекцийы равдыст