Хуссар Иры боксертӕ систы ЦКФЗ ерысты призертӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы минӕвӕрттӕ райстой призон бынӕттӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады, фехъусын кодта сӕ тренер Куымӕридтаты Родион. Ерыстӕ цыдысты уӕрӕсейӕг горӕт Черкесскы. Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды тох кодтой цыппар боксеры Цхинвалӕй: Гоциты Артур, Хуыбылты Азӕмӕт, Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гуымӕзты Руслан.
"Гоциты Артур ӕмӕ Гуыцмӕзты Руслан ссисты бронзӕйон призертӕ. Кӕд нӕ спортсменты къухы уӕлахизтӕ нӕ бафтыд, уӕддӕр равдыстой хорз ӕмсӕр тохтӕ. Иууылдӕр фӕхӕрд сты чысыл къуыхцыйӕ",- загъта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлахиздзауы пьедесталмӕ чи нӕ схызт, уыдон дӕр равдыстой фӕзминаг тохтӕ.
"Рахицӕн кӕнинаг у Цхуырбаты Арсен, уымӕн йӕ фыццаг ныхмӕлӕууӕг ӕрхауд Уӕрӕсейы чемпион, фӕлӕ йын ницы ауагъта. Зӕгъӕн ис, уыдысты ӕмдых. Хорз тохтӕ равдыста Хуыбылты Азӕмӕт дӕр",- бафтыдта уый.