Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытæ равдыстой æхсынæй арæхстдзинад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ уагдонадæй æдде хъахъхъæныны хайады сæрмагонд арæзт равдыста Калашниковы автоматæй æмæ Ярыгины пистолетæй æхсыны арæхстдзинад, хъусын кæны къуырисæры барадхъахъхъæнæг уагдонады пресс-службæ.
Практикон ахуыртæ æхстыты цæттæдзинадæй уагдонадæй æдде хъахъхъæныны хайады кусджытæн ацыдысты МХМ полигоны.
Сæрмагонд арæзт бакуыста автоматимæ архайыны арæхстдзинадыл 100 метры дæрддзæфæй лæугæйæ, уæрагæй æмæ хуысгæйæ.
Фæлтæрæнтæ 15, 20 æмæ 25 метры дæрддзæфæй сæххæст кодтой Ярыгины пистолетæй.