ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан арӕзтады министрады минӕвӕрттимӕ бабӕрӕг кодтой Цӕгаттаг микрорайонмӕ хӕстӕг республикон трассӕйыл цы хид ис, уый.
Объект нымад цӕуы фӕндаджы аварион хайыл. Дзырд цыд хид рауӕрӕх кӕнын науӕд та йӕ фарсмӕ ног хид самайыныл. Паддзахады разамонӕг бахӕс кодта, цӕмӕй мӕйы кӕронмӕ арӕзтады министрад бацӕттӕ кӕной, куыд уынынц фарст алыг кӕныны амӕлттӕ, уый.
Уыимӕ иумӕ ма президент загъта бахынцын фӕндаг Чъехы онг рараст кӕныны фарст.
"Фӕндаг арӕзт цӕудзӕн республикӕйӕн йӕхи фӕрӕзтӕй. Ахъуыды кӕнын хъӕуы канд хиды арӕзтадыл нӕ, фӕлӕ ма трассӕ сраст кӕныныл. Уый саразын уыдзӕн ӕнцондӕр, цалынмӕ фӕндаггӕрон арӕзтӕдтӕ нӕ фӕзынд, уӕдмӕ",- загъта Гаглойты Алан.
Уый фӕстӕ хицауады делегаци араст Дзауы районмӕ.