Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг æмæ абхазы минæвар æрдзырдтой дыууæварсон æмгуыстадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар райста Абхазы минæвары республикæйы Елбачиты аланы. Уый тыххæй хъусын кæны æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
Фембæлды рæстæджы фарсытæ загътой сæ хъуыдытæ хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты уавæрыл, афтæ ма регионалон боны фæткы кæцыдæр аспекттыл.
Абхазы дипломатон минæварады сæргълæууæг радæтта абхазаг делегацийы бузныджы ныхæстæ хъарм райсты тыххæй Хуссар Ирыстоны Абхазы культурæйы бонты рæстæджы.
Уымæй дарддæр фарсытæ сфидар кодтой иумæйаг цæттæдзинад дарддæры конструктивон кусæгон æмархайдмæ.