Ленингоры районæй самбист ралæудзæн Хуссар Иры номæй Дзæуджыхъæуы турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Ленингоры районæй спортсмен Гуцаты Дзамболат ралæудзæн Хуссар Ирыстоны номæй республикон турниры Цæгат Ирыстоны самбойæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта районы администрацийы пресс-службæйы сæргълæууæг Кокойты Анжела.
"Самбист Гуцаты Дзамболат, райста фыццаг бынат Дзауы, ныр райсдзæн хайад ерысты дæр, кæцытæ ацæудзысты ацы къуырийы Дзæуджыхъæуы. Спортсменæн материалон æххуыс балцæн скæндзæн районы къухдариуæггæнæг", - банысан кодта ныхасæмбал.
2021 азы Гуцаты Дзамболат ссис республикон æмвæзады чемпион, ссис уæлахиздзау Хуссар Ирыстоны Знауыры районы самбойæ турниры дæр.