Цхинвалы æрцахстой æнахъомы уæйгæнæгæй æхца адавыны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 апр – Sputnik. МХМ кусджытæ æрурæдтой Цхинвалы 16-аздзыд цæрæджы, уый адавта 12 800 сомы спортивон дарæсы дуканийы уæйгæнæгæй. Уый тыххæй хъусын кæны барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.

"Цхинвалы мидхъуыддæгты дæлхайады радгæсон хайадмæ знон æрбасидт зианбаййафæг, уый у спортивон дзауматы дуканийы кусæг. Уый радзырдта, æхцайы фæрæзтæ кæй фесæфтысты йæ чыссæйæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Æнахъомы æвæстиатæй æрцахстой, уый басаст йæ фыдракæндыл. Куыд банысан кодтой уагдоны, афтæмæй зæрдæмæхсайæджы ауагътой фæзыныны рафыстыл.