Хуссар Иры ÆРС разамонæг дыккаг хатт ссис дунейы чемпион хихъахъхъæнынадæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æддагон разысгæрсты службæйы (ÆРС) сæргълæууæг Уарзиаты Алексей ссис дыууæ хатты чемпион хихъахъхъæнынадæй. Хуссарирыстойнаг командæйы сконды уый хайад иста Дунейы кубокы этапы æмбуар хæстæй Мæскуыйы, хъусын кæны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Мæскуыйы апрелы райдианы ацыд Дунейы кубокы этап æмбуар хæстæй – "Кубок Дружбы". Ерысты хайад райстой 300 спортсмены 21 бæстæйæ. Хуссар Ирыстоны кад хъахъхъæдтой тыхон структурæты 12 кусæджы æддагон разысгæрсты службæйы разамонæг, æхсæнадæмон къласы спорты мастер, дунейы чемпион хихъахъхъæнынадæй, инæлар-лейтенант Уарзиаты Алексейы сæргълæудæй.
"Ирд ралæуды фæстæ командæ æрыздæхт алыгъуызон призон бынæттимæ, Хуссар Ирыстоны ÆРС сæргълæууæг ссис дыууæ хатты дунейы чемпиона, уымæн радтой кадджын ном "Æхсæнадæмон къласы спорты мастер", - банысан кодтой ПÆК пресс-службæйы.
ПÆК къухдариуæгад æмæ кусджытæ раарфæ кодтой Уарзиаты Алексей æмæ хуссарирыстойнаг хæстонтæн сæ уæлахизы цытæн.
Хуссар Иры ÆРС разамонæг дыккаг хатт ссис дунейы чемпион хихъахъхъæнынадæй