Хуссар Иры æрцахстой амарыны зæрдæхсайгæ æмбæстаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны баурæдтой Цхинвалы 34-аздзыд цæрæджы, кæцы у зæрдæхсайгæ республикæйы æмбæстаг Уалыты Сосланы амарыны хъуыддаджы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Фыдракæнд æрцыд 17 апрелы изæры аст сахатмæ æввахс Цхинвалы. Сталины уынгыл æбæрæг гоймаг кардæй цалдæр цæф фæкодта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 38-аздзыд цæрæг Уалыты Сосланы. Зианбаййафæг цæфты фæстиуæгæн амард рынчындоны.
Уыцы бон мидхъуыддæгты органтæм æрбацыдысты дыууæ æмбæстаджы сæ аххосыл басæтгæйæ, æртыккаг зæрдæхсайæджы баурæдтой 18 апрелы æхсæвы 00.30 сахатыл.
Прокуратурæйы сцырын кодтой уголовон хъуыддаг, арæзт цæуынц æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ.