Цæгат Иры æрцахстой наркотиктæ уæйгæнæджы Астæуккаг Азийæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik. Наркоконтролы кусджытæ баурæдтой Цæгат Ирыстоны Астæуккаг Азийы паддзахадтæй иуы 34-аздзыд цæрæджы. Зæдæмæхсайгæ й наркоктикон буарады стыр партийы уæй кæныны. Байстой дзы метадоны иу минæй фылдæр дозæйы фаг, хъусын кæны дыццæджы республикон МХМ пресс-службæ.
"Истгонд тобæгонд буарады массæ у 100 граммы, уый у фаг иугай дозæтæй минæй фылдæр саразынæн", - банысан кодтой Цæгат Ирыстоны МХМ.
Зæрдæмæхсайгæйы бакодтой рæстæгмæ дарæн изолятормæ, ахæм фыдракæнды тыххæй, закъонмæ гæсгæ ахæстоны сбадын кæнын æмбæлы 20 азмæ.