ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æртыццæджы æрцыд Уæрæсейы экономикæйы райрæзты министрады делегаци Уæрæсейы экономикæйы райрæзты министрады разамонæджы хæдивæг Дмитрий Вольвачы сæргълæудæй.
Куыд хъусын кæны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службæ, афтæмæй кусæгон балцы арæнæвæрды делегаци æрбауазæг уыдзæн Инвестпрограммæйы объекттæм, сæмбæлдзысты республикæйы къухдариуæгадимæ, æрныхас кæндзысты УФ æмæ РХИ æмгуыстадыл социалон-экономикон фарстатыл.
Афтæ ма делегацийы сконды сты УФ экономикæйы райрæзты министрады сæрмагонд программæтæ æмæ проектты департаменты директоры хæдивæг Антон Мельник, сæрмагонд проекттæ æмæ программæты департаменты уынаффæгæнæг Епхиты Александр æмæ æндæр официалон гоймæгтæ.