Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Ларгуисы хъæумæ ссыгъдæг кодтой фæндаг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрæуатон-коммуналон хæдзарады фæткдаруаты кусджытæ фесты Ленингор-Ларгуисы фæндаг сыгъдæг кæныны куыстытæ.
Куыд фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-службæйы сæргълæууæг Кокойты Анжела, æртыццæджы фæндаджы ацы хайыл къæдзæхæй æркалдысты зæхх æмæ дуртæ.
"Цъыф æмæ дурты зæй иу суткæмæ æрæхгæдта автотраспорты змæлд цæрæг пункт Ларгуисы ᾿рдæм. Районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Илларион бабæрæг кодта стыр дæлдзырджытæй хæлд фæндаг æмæ бахæс кодта коммуналон службæтæн цыбыр æмгъуыдмæ аиуварс кæнын æвзæр боныгъæды фæстиуджытæ", - радзырдта Кокион.
Сæрмагонд техникæ æнæхъæнæй ссыгъдæг кодта фæндаг, ныр у цæттæ цæуынæн, бафтыдта агентады ныхасæмбал.