Хуссар Ирыстоны сæрмагонд службæйы кусджытæ цæуынц ахуыртæ центр "Витязь"-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд батальоны кусджытæ ацыдысты профессионалон цæттæдзинад ахуырадон центр "витязь"-ы Мæскуыйы облæсты. Уй тыххæй цыппæрæмы фехъусын кодтой республикæйы хъахъхъæнынадон уагдонады.
Ахуырты рæстæджы хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ фæхуыздæр кодтой табелон хæцæнгарзæй архайыны арæхстдзинад, топографийæ зонындзинæдтæ, афтæ ма фыццаг медицинон æххуыс æнæмæнгхъæуæг архайд самал кæнын хæсты быдыры фæцæуæвджытæн.

"Сæрмагонд курсæй ауагъдæуыд ахуыртæ æнæпилотон тæхæг аппараттимæ базонгæ уын æмæ фæткдарын", - баныасн кодтой пресс-службæйы.

Уагдонады бафтыдтой, ахуырты рæстæджы Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæ сæхи æвдисынц иууыл хуыздæрæрдыгæй æмæ цæттæ сты сæ зонындзинæдтæ адæттой се ᾿мкусджытæн.