Хуссар Ирыстоны театр равдыста спектакль Дзӕуджыхъӕуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр Цӕгат Ирыстоны Ирон театры сценӕйыл равдыста спектакль "Хивæнд чызг" Шекспиры уацмысмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службӕйы. Равдыст бацӕттӕ кодтой ивгъуыд азы кӕрон режиссёр Чилӕхсаты Эдуард.
"Цӕгат Ирыстоны кӕсӕг хорз райста Шекспиры уацмыс мах артистты бакастӕй. Уыд дзы аншлаг", - загътой уым.
Уагдоны ма банысан кодтой, равдыст кӕй ацыд дыууӕ ирон театры ӕмгуыстады бадзырды фӕлгӕтты. Фӕсарӕйнаг авторы ӕрмӕг ирон ӕвзагмӕ раивта Джуссойты Нафи. Спектаклы архайы актёрты сконд 12 адӕймагӕй, сӕйраг фӕлгонцтӕ сты Хаситы Сослан ӕмӕ Натия Чохелийы бӕрны.
"Хивӕнд чызг" у режиссёр Чилӕхсаты Эдуарды радон куыст. Уымӕй размӕ ма бацӕттӕ кодта: комеди "Нӕлгоймаг, сылгоймаг, рудзынг, мард", аргъау "Бременские музыканты", "Тæрхъусы амонд" ӕмӕ ӕндӕртӕ, - бафтыдта ныхасæмбал.