УУМ фехъусын кодта штормон фæдзæхст Цæгат Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны территорийыл 21 апрелы кæронмæ уыдзæн æвзæр боныгъæд. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы фæдыл Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ).
"Цæгат Ирыстоны гидрометеорологи æмæ мониторингы фæдыл центры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 17-19 сахатты периоды æмæ 19, 20, 21 апрелы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл æнхъæлмæ кæсынц тæрккъæвдатæм, иухардмæ æмæ тыхдымгæтæм 20-25 м/с", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, уый фæдыл гæнæн ис кæй схиза доны æмвæзад цæугæдæтты, хæхты та æрцæудзысты чысыл цъыфы зæйтæ.